Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи мӕрдты тыххӕй цы дзуры?

Мӕлӕт абарӕн ис, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ, уымӕн ӕмӕ ницы фембары ӕмӕ йӕ бон ницы вӕййы аразын. Фӕлӕ не Сфӕлдисӕгӕн йӕ бон у мӕрдты райгас кӕнын. Хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисыны тыххӕй Хуыцау йӕ Фыртӕн радта ахӕм тых, цӕмӕй-иу мӕрдты райгас кодтаид. (Бакӕс Екклесиаст 9:5; Иоанны 11:11, 43, 44.)

Марды цӕмӕн ис абарӕн, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ?

Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи амард, фӕлӕ йӕ хъуыдыйы чи ис, уыдоны кӕй райгас кӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл дзӕнӕты кӕй цӕрдзысты. Райгас сӕ кӕндзӕн, рӕстӕг куыддӕр ӕрцӕуа, афтӕ. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ. (Бакӕс Иов 14:14, 15.)

Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уыдон хъуыды кӕндзысты сӕ раздӕры царды хабӕрттӕ иууылдӕр, зондзысты сӕ бинонты дӕр ӕмӕ се ’мбӕлтты дӕр. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ буар бамбийы. Фӕлӕ Хуыцау кӕй райгас кӕндзӕн, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр уыдзӕн ног буар. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:35, 38.)

Библийы фыст ис, иутӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн кӕй райгас уыдзысты, иннӕтӕ та – зӕххыл цӕрынӕн (Раргомад 20:6). Фӕлӕ, чи райгас уыдзӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр цӕрдзысты зӕххыл дзӕнӕты. Уыцы адӕмӕн уыдзӕн фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. (Бакӕс Псалом 37:29; Хъуыддӕгтӕ 24:15.)