Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИЙӔ ЦЫ ИС БАЗОНӔН?

Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр

Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр

Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ уырнындзинад бафидар ис ӕмӕ сӕ зӕрдӕты зынг тынгдӕр ссыгъд. Апостол Павел сӕйраджыдӕр хъусын кодта Къаннӕг Азийы ӕмӕ Зӕххастӕу денджызы былгӕрӕтты, арӕзта ӕмбырдтӕ ӕмӕ чырыстӕтты ныфсыл ныфс ӕфтыдта, цӕмӕй сӕ бон фидар фӕлӕууын уыдаид, сӕ ныхмӕ ӕргом куы цыдаиккой кӕнӕ сӕ куы рӕдийын кодтаиккой, уӕд. Кӕд чырыстӕттӕ ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты, уӕддӕр сӕ уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой.

Павелы фӕстӕдӕр ахӕстоны бакодтой. Фӕлӕ уырдыгӕй дӕр чырыстон ӕмбырдтӕм фыстӕджытӕ фыста, цӕмӕй-иу сӕ ныфс бауагътаид ӕмӕ-иу сын уынаффӕтӕ радтаид. Фӕдзӕхста сӕ ӕппӕты тӕссагдӕр хъуыддагӕй – раст дины ныхмӕ чи цӕуы, ахӕмтӕй сӕ сӕхи хизын кӕй хъӕуы, уымӕй. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Павел рагацау загъта, се ’хсӕн кӕй фӕзындзӕн, «рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн», ахӕм «тугдзых бирӕгътӕ», цӕмӕй «ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30).

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фыццаг ӕнусы кӕрон иуӕй-иутӕ раст дины ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Уыцы рӕстӕг Чырысти апостол Иоаннӕн цӕстылуайӕны раргом кодта, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Иоанн уый фӕстӕ куыд ныффыста, афтӕмӕй нӕдӕр ныхмӕдзӕуджытӕн, нӕдӕр мӕнг ахуыргӕнджытӕн сӕ бон Хуыцауы ныхмӕ ницы бауыдзӕн бакӕнын ӕмӕ йӕм зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕндзӕн. «Алы адӕм, алы мыггаг, алы ӕвзаг ӕмӕ алы адӕмыхатт» фехъусдзысты хорз хабар Хуыцауы Паддзахады тыххӕй (Раргомад 14:6). Зӕххыл ногӕй уыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдон цӕрдзысты уыцы дзӕнӕты!

Уый «хорз хабар» кӕй у, уыимӕ разы дӕ? Кӕд о, уӕд фылдӕр базон, Хуыцау адӕмӕн Библийы цы хорз хабар ныффыссын кодта ӕмӕ дын уый абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй.

Библи дӕ бон у кӕсын сайты www.mt711.com. Уым ма ссардзынӕ брошюрӕтӕ «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?» ӕмӕ «Хорз хабар Хуыцауӕй», стӕй чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?». Ис ма дзы ӕндӕр публикацитӕ дӕр. Дзырд дзы цӕуы, нӕ бон цӕмӕн у Библийыл ӕууӕндын ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй нӕ царды ӕмӕ нӕ бинонты ’хсӕн нӕ бон куыд у пайда кӕнын. Фылдӕр базоныны тыххӕй ма дӕ бон у аныхас кӕнын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ.

(Ацы хабӕрттӕ фыст сты Хъуыддӕгты, Ефесӕгтӕм, Филиппӕгтӕм, Колоссӕгтӕм, Филимонмӕ, 1 Иоанны, Раргомады.)