Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

«Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ... ныххатыр кодта»

«Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ... ныххатыр кодта»

«Иннӕтӕн чи нӕ хатыр кӕны, уый сӕтты, йӕхи ахизын кӕуыл хъӕуы, уыцы хид». 17 ӕнусы цӕрӕг бритайнаг историк Эдуард Герберты ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, иннӕтӕн нӕ хатыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый: абон уа ӕви райсом – мах дӕр хъӕудзӕн, цӕмӕй нын иннӕтӕ ныххатыр кӕной (Матфейы 7:12). Фӕлӕ хатыр кӕнын ӕрмӕст уый тыххӕй ахсджиаг нӕу. Ӕркӕс-ма Павелы ныхӕстӕм, фыст сты Колоссӕгтӕм 3:13 стихы. (Бакӕс ӕй.)

Иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иу хатт кӕрӕдзийы смӕсты кӕнӕм кӕнӕ фӕхъыг кӕнӕм (Ромӕгтӕм 3:23). Уӕдӕ нӕхи хуызӕн ӕнӕххӕст адӕмимӕ фӕрнӕй цӕрын нӕ бон куыд у? Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй нын апостол Павел дзуры, цӕмӕй быхсын ӕмӕ хатыр кӕнын зонӕм. Ацы уынаффӕ фыст ӕрцыд дыууӕ мин азы размӕ, ӕмӕ уӕд куыд ахсджиаг уыд, афтӕ ахсджиаг у абон дӕр. Цӕй ӕмӕ Павелы ныхӕстыл бӕстондӕр аныхас кӕнӕм.

«Кӕрӕдзийӕн барут». Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, чырыстӕттӕ ацы миниуӕг ӕвдисынц, «се ’взӕр миниуджытӕй сӕ чи мӕсты кӕны, уыдонӕн ӕнцонтӕй [кӕй] барынц», уымӕй. Дзырд «кӕрӕдзийӕн» ууыл дзурӕг у, махӕн дӕр кӕй хъуамӕ барой ӕмӕ мах дӕр иннӕтӕн кӕй хъуамӕ барӕм. Ома нӕ зӕрдыл куы дарӕм, нӕ миниуджытӕй нӕм кӕцыдӕрты тыххӕй иннӕтӕ кӕй смӕсты вӕййынц, уӕд нӕ бауадздзыстӕм, цӕмӕй, иннӕты нӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ нын, не ’хсӕн цы фарн ис, уый фехалой. Фӕлӕ иннӕтӕ нӕ ныхмӕ исты тӕригъӕд куы ракӕной, уӕд та?

«Кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут». Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, «зӕрдӕйӕ хатыр кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уыцы «дзырдӕй арӕх нӕ фӕпайда кӕнынц, чидӕр кӕмӕндӕр кӕй ныххатыр кодта, уый равдисынӕн... йӕ хъуыды у арфдӕр ӕмӕ ӕвдисы, хатыр кӕнын рӕдаудзинадимӕ баст кӕй у». Ӕндӕр чиныджы та фыст ис, уыцы дзырд кӕй амоны, «ӕхсызгон ӕмӕ пайда цы у, ахӕм цӕмӕдӕр». Мах фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисдзыстӕм, иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, «исчи нӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна», уӕддӕр. Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ нӕ, чи зоны, тагъд рӕстӕг бахъӕуа, цӕмӕй нӕ чи фӕхъыг кодта, уый нын нӕхицӕн дӕр ныххатыр кӕна.

«Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат». Иннӕтӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр уымӕн у, ӕмӕ нын Йегъовӕ йӕхӕдӕг хатыр кӕны ӕппӕт зӕрдӕйӕ (Михей 7:18). Ахъуыды-ма кӕн, куыд ӕхсызгон вӕййы Йегъовӕйӕн, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнын. Махӕй уӕлдай Йегъовӕ тӕригъӕд нӕ аразы. Фӕлӕ йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕны, ӕмӕ сын сӕ хъуыды дӕр нал ӕркӕны, кӕд йӕхи никуы бахъӕудзӕн, цӕмӕй йын уыдон ныххатыр кӕной, уӕддӕр. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн хатыр кӕнын куыд хъӕуы, уымӕн!

Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон у, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн хатыр кӕнын куыд хъӕуы, уымӕн!

Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, уый тыххӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм (Ефесӕгтӕм 4:32–5:1). Хорз уаид куы ахъуыды кӕниккам: «Кӕд Йегъовӕ мӕнӕн хатыр кӕны, уӕд ӕз куыннӕ хъуамӕ ныххатыр кӕнон мӕхи хуызӕн ӕнӕххӕст адӕймагӕн, мӕ ныхмӕ тӕригъӕд чи ракодта, фӕлӕ йыл зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кодта, уымӕн?» (Лукайы 17:3, 4).